Гаглойты Алан: «Мах кæддæриддæр хъуамæ дарæм нæ зæрдыл Къостайы фæдзæхст»
Абон ирон адæм нысан кæнынц ирон литературæйы бындурæвæрæг, номдзыд поэт, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы гуырæнбон. Поэт дзырдта хохаегты сæрыл, сæ мæгуыр, уаззау цардыл йæ бон цы уыд, уымæй: поэтикон ныхасæй, публицистикон уацтæй. Æппæты ирддæрæй адæмы цард, адæмы хъысмæт æвдыст цæуы «Ирон фæндыр»-ы. Стыр уыдис йæ ахадындзинад ирон национ культурæйы историйы. Къостайы сфæлдыстадон бынтæ кæддæриддæр